Саломэ Зурабишили – хицауад тыхмидзинад дзырдæй дæр нæ фауы, фæлæ ма тыхгæнæджы удцырын кæны æмæ амæттагæн уымæй  фылдæр знаггад кæны, уыдæттæ нæ бæстæмæ  не мбæлынц, худинаг уæм хъуамæ кæсид
Саломэ Зурабишили – хицауад тыхмидзинад дзырдæй дæр нæ фауы, фæлæ ма тыхгæнæджы удцырын кæны æмæ амæттагæн уымæй фылдæр знаггад кæны, уыдæттæ нæ бæстæмæ не мбæлынц, худинаг уæм хъуамæ кæсид

Мæтæфтауæг у нæ  бæстæйы   сырæзт  уавæр,  сылгоймагыл   тыхмидзинад  æмæ  уæлдайдæр, стæй  йæ  æндæр æмæ æндæр  амæлттæй рæстытæ кæнын, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвили, Орбелианиты  галуаны лæвæрд брифингыл   райхъусын кодта.

Президенты дзырдæй,   зæгъгæ категорионæй  фауы  цыфæнды хуызы æфхæрд, дзырдæй кæнæ  физикъон лæбурдтытæ.

«Срасткæнæн гæнæн  цæмæн нæй,  ахæм  митæ сраст  кæнын архайынц   джырыздзырдæй,  кæцы  хъазгæ ныхас  æнхъæлынц,  сылгоймæгтæ  дæр,  кæцытæм ис претензи  æхсæнадархайæгæй хи нымайын.  Ахæм   æнæцивилон, æнææхсæнадон, æнæсолидон  ахаст  мæнæн  зынæмбарæн  у,  куыд адæймагæн,  моралонæй.   Уæлдай дæр   куы  зонæм, цæмæй   æфхæрæндзырдæй иу цы  райдаы уый  стæй  физикъон æфхæрдæй, æмæ   арæх та  фемициды  трагикон  фæстиуджытæй  дæр иу  фæуд кæны.

Алы хуызæн  æфхæрд, лæбурд,  дзырдæй кæнæ физиконæй,  фауын  категорионæй.  Фауын фыццаджы дæр, куыд   сылгоймаг æмæ куыд президент афтæ.  Фауын уый, кæцыйæн  нæ культурæимæ,  традицитимæ, нæ  ахуырдаимæ ницы   иудзинад ис æмæ   кæцы  гæнæн ис, æрмæст репутацион    знаггад  ракæна Гуырдзыстонæн, кæцыйы истори  зыдтой  æмæ  ныр дæр зонынц, ныфс мæ ис, куыд   фидар  сылгоймæгты   бæстæйы, бæстæйы  цы ран  сылгоймагæн кæддæриддæр кад кодтой.

Нæ историйы æмæ репутацийы æфхæрды фæдыл ма  цæуы   афтæдæр политикон   знаггад. Хицауад 12  рекомендацитæй,   уыцы хай сыххæстæй, кæцы æххæссы   сылгоймæгты  бартæм  æмæ гендермæ,  йæхицæй  куы æппæлы  уæд,  уыцы тæккæ  иннæ  къухæй  цы нффыста  уый  аивы.  Уый æддæмæ ма хицауад  тыхмидзинад   нæ   фауы,  фæнды дзырдæй  уæддæр,  фæлæма  уый бакомкоммæ,  тыхгæнæджы удцырын кæны æмæ амæттагæн та уымæй  фæлхатгæ   знаггад кæны.  Уыдæттæ  нæ  бæстæмæ не мбæлынц,  худинаг уæм хъуамæ кæсид», –  загъта Саломэ Зурабишвили.