Саломе Зурабишвили кампани «Нæ хъæлæс Европайæн»-ы фæлгæтты, хаццæгон мадзалæн сфысым ис
Саломе Зурабишвили кампани «Нæ хъæлæс Европайæн»-ы фæлгæтты, хаццæгон мадзалæн сфысым ис

Саломе Зурабишвили кампани «Нæ хъæлæс Европайæн»-ы фæлгæтты, хаццæгон мадзалæн сфысым ис.

Гуырдзыстоны президент дипломативон корпус æмæ политиктæн, хæаццæгон мадзал ауагъта.

Мадзалы хайад истой Гуырдзыстоны акредитацигонд дипломаттæ, опозици æмæ раздæрон хицауады бæрнонтæ.

«Абон, уыцы кампанийы кæронбæттæн у, кæцы 8-æм ноябры райдыдта æмæ йæ нысан уыд æхсæнад уыдаит баст ацы мобилизацийы, кæцы 15-æм декабры онг мах æрбакодта. Нысаниуæгджын уыд, ноджы иу хатт уыдаит Гуырдзыстоны хъæлæс Европамæ æрвыст. Уый нæдæр президенты хъæлæс уыд, нæдæр æндæр къорды. Тынг бирæ нысаниуæгджын этап иумæ ацыдыстæм. Уый райдыдта нырма уæд, кæд æмæ бахызтыстæм ОБСЕ-мæ,Зураб Жваниаимæ у баст нæ европон фæндаг.

Ныфс мæ ис, цæмæй ацы дыууæ боны ноджы иу хатт снысан кæндзыстæм. 15-æм декабры ницы фæуыдзæн. 15-æм декабры фæстæ мах уыдзыстæм ноджы хæсджын дæр адаргъ кæнæм фæндаг иумæ. Бирæ уыдзæн саразинаг. Æз нæ уарзын æрмæст деполаризацийыл ныхас кæнын. Нæ принциптæ нæм ис æмæ уый у уый, цæмæй иудзинад у алкæмæй тыхджын. Иудзинад хъуамæ уа ацы фæндагыл.

Фæнды мæ бузныг расидон алкæмæн. Уыцы политикон тыхтæн, уыдысты уыдон хицауады æви нæ, позицийы , æви опозицийы, ам æви нæ-алкæмæн мæ фæнды бузныг расидон», – расидтис президент.

Саломе Зурабишвили, кампанийы фæлгæтты, æмбырдгонд къухфыстытæ, Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварæн адæтта.