Саломе Зурабишвили –абон иумæ дæттæм хъæлæс, цæмæй самайæм бæстæ, кæцымæ бæллæм
Саломе Зурабишвили –абон иумæ дæттæм хъæлæс, цæмæй самайæм бæстæ, кæцымæ бæллæм
Гуырдызстоны президент Саломе Зурабишвили Тбилисы, Котэ Абхазийы уынгыл скъола №67 бæстыхайы уæвæг æвзарæнон сыхы ратта хъæлæс.
Зурабишвилийы ныхасмæ гæсгæ, абон иумæ дæттæм хъæлæс, цæмæй самайæм бæстæ, кæцымæ бæллæм.
«Фæнды мæ раарфæ уын кæнон абоны бон. Абон у нысаниуæгджын бон ацы бæстæйæн. Æз раттон хъæлæс, куыд алы æмбæстаг, сæрибарæй. Стыр бузныг, абон цы цæуы уый тынг нысаниуæгджын у. Хъахъæд сты алы нормæтæ сыхтыл. Мацææмй тæрсут. Æрбацæут æмæ хъæлæс раттут.
Бахъахъæнут дистанци, уыцы бынатыл кæцыйы бирæ адæм уыдзæн. Арфæ уын кæнын сомыбоны Гуырдызстон» -расидтис Зурабишвили.