Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили абон 11 тæрхонгондæн ныххатыр кодта. Уый фæдыл информаци парахат кæны президенты администраци.
Сæхи информацимæ гæсгæ, æртæ тæрхонгонды тæрхоны æмгъуыд фæкъаддæр ис ахæстоны фæбадыны хуызы, кæцы æххæст кæнынмæ баззад æфхæрæн уагдоны.
Уымæй дарддæр ма, президенты администрацийы информацимæ гæсгæ, амнистийы акт афтæ дæр бандæвта уæлæмхасæн æмгъуыды тæрхонгонд аст адæймагыл, кæцытæ æххæстæй ссæрибар сты уавæрон ахсты дарддæры æххæст кæнынæй.