Сакстат- Февралы Гуырдзыстоны экономикæ 5.1 процентæй фæкъаддæр ис
Статистикæйы националон куысты развæлгъау аргълæвæрдæй, 2021 азы февралы, раззаг азы æмбæлгæ периодимæ абаргæйæ, реалон æмтгæйон мид продукты (ÆМП0 фæкъаддæр уыдис 5.1 проценты бæрц, æрмæст январ-февралы астæуккаг бæрæггæнæн- 8,3% бæрц.
Сакстаты хъусинагæй, 2021 азы февралы, раззаг азы аналогион периодимæ абаргæйæ, фæкъаддæр рахатинаг уыд ахæм къабæзты: арæзтад, цæрæн бынатæй ифтонгад, аивад, ивхæрсæн æмæ улæфт, транспорт æмæ æвæрантæ, æнæзмæлгæ мулкимæ баст хъуыддæгтæ æмæ бакусæн кондæдтæ. Рæзт та сфиксир ис финансон æмæ фæдзæхсыны куыстыты, базарады, лонæввонгы, канализаци æмæ баззайæггæгты фæткдæттыны секторты.