Санкциты фарстаты Евроцæдисы специалон минæвар Девид О’Cалливан дыууæбонон визитæй Тбилисмæ абон æрцæудзæн
Санкциты фарстаты Евроцæдисы специалон минæвар Девид О’Cалливан дыууæбонон визитæй абон Тбилисы æрцæудзæн. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварад.
Афтæма сæ информацийæ, Девид О’Cалливан Гуырдзыстоны хицауадимæ иумæ æркæсдзæн иумæйаг интересты сферæмæ хауæг фарстатæ, сæрмагондæй та санкциты æмæ сæ эффективонæй сæххæсты процесс.
«Визиты нысан у комкоммæ коммуникацион каналы байгом кæнын æмæ фидæнон æмгуыстады бындурæвæрд диалог. Гуырдзыстоны хицауад æмгуыстадмæ стыр цæттæдзинад равдыста уыцы фарстатæм гæсгæ, кæцытæ сæрмагонд нысаниуæгджын сты специалон минæвары визитæн æмæ ис ныфс, цæмæй æнгом æмгуыстад адарддæр уыдзæн.
Визиты фæлгæтты, райсомæй ацæудзысты фембæлдтæ Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ, фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилиимæ, вице-премьер æмæ экономикæйы министр Леван Давиташвилиимæ, финансты министр Лаша Хуцишвилиимæ, Националон банкы президенты хæстæ æххæстгæнæг Арчил Мествришвилиимæ æмæ генералон прокуррор Ираклий Шотадзеимæ.
Девид О’Cалливан афтæдæр фембæлдзæн бизнесы минæвæрттимæ. Визиты фæлгæтты ацæудзæн Девид О’Cалливаны фембæлд прессæимæ – информаци бынаты æмæ рæстæджы фæдыл уæлæмхасæй фехъусын кæндзыстæм. Уый уыдзæн иумæйаг визит, кæцыйы афтæдæр хайад исынц АИШ-ы паддзахадон департаменты санкциты координацийы офисы къухдариуæггæнæг, минæвар Джим О’Брайен æмæ Иугонд Паддзахады æддагон, æмгарады æмæ рæзынады офисы генералон директор экономикæйы, зонæдты æмæ технологиты сферæйы Кумар Аийер», – банысангонд у Евроцæдисы минæварады ахæлиугонд информацийы.