Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидаттимæ ныхасы процесс 7 августы сног уыдзæн
Юстицийы Бæрзонддæр совет Сæйраг Тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидаттимæ ныхасы процесс 7 августы сног кæндзæн.
Юстицийы Бæрзонддæр Советы уæнг, Димитри Гвритишвили абон, ныхасы процессы фæуды фæстæ куыд райхъусын кодта афтæмæй, совет зæгъгæ кандидаттимæ ныхас 7 агусты 10:00 сахатæй райдайдзæн æмæ та дыууæ кандидатмæ байхъусдзæн.
«Советы тæрхонгæнæг уæнгтæ практиконæй скъуыд стæм нæ сæйраг тæрхонгæнæгон æмæ æндæр адмиинистрацион функцитæй æмбæлон тæрхондæтты. Ахицæн кодтам, цæмæй иу бон рауæлдай кæнæм тæрхондæттæн æмæ фембæлдтæ та сног уыдзысты æртыццæджы. Дыууæ кандидатимæ аныхас кæндзыстæм. Адон сты Нугзар Схиртладзе 10:00 сахатыл æмæ Тамар Лалиашвили, кæцы нæм дистанционæй Германийæ ссиу уыдзæн» -райхъусын кодта Димитри Гвритишвили.
Уымæй дарддæр ма, Димитри Гвритишвилийы дзырдæй, юстицийы Бæрзонддæр советы Сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидатты равзарыны æмæ халæппæрсты процесс, æнхъæлцау августы астæу бонты фæуыдзæн.
«Развæлгъау сплан кæнын гæнæн нæй, фæлæ æрвылбойнонæй бацархайдзыстæм, цæмæй аныхас кæнæм фæйнæ дыууæ кандидатимæ æмæ куыд банымадтам, афтæмæй, процесс, æввахсæй-æввахсмæ августы астæу бонты фæуыдзæн. Закъон йæ хъуыдыйы дары ахæм регуляци, цæмæй ныхасы фæудæй æввахс советы рабадтыл хъуамæ сырæза халæппæрст, уымæ æмбæлгæйæ, хъуыды кæнæм, цæмæй августы хъуамæ фæуа алцыппæт, ныхас дæр æмæ халæппæрст дæр» – райхæлдта Димитри Гвритишвили.