Сæйраг сахары вандализмы фактты фæдыл закъонæй нысангонд уавæрты æххæст кæнын карздæр кæны
Мидхъуыддæгты министрад муниципалитетимæ иумæ кусдзæн вандализмы ныхмæ тохыл, æмæ ацы фактты цауы, закъонæй снысангонд уавæрты сыххæст фæкарздæр уыдзæн – уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Къаладзе муниципалон хицауады абоны рабадтыл расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, ацы здæхты закъон йæ тыхы уыд ныры онг, фæлæ æххæст кæнынимæ уыд бæрæг проблемæтæ.
«Кæд æмæ горæты нырма бирæ скъуыддзаггæнинаг проблемæтæ ис, уæддæр ис бирæ цаутæ, кæцыты иуæй-иу æмбæстæгтæ æнæбары хъыгдарынц бæстыхæйтты фасадтæ.Фæстаг дыууæ азы мидæг фиксиргонд æрцыд вандализмы 5 мины онг цау – уыдоны нымæцы сты бæстыхæйттæ, культурон бынтæ цыртдзæвæнтæ, æндæр æмæ æндæр уагдæтты бæстыхæйттæ, станцæтæ, афтæмæй ныридæгæн ис закъон. ацы æрдгæй, фæлæ мах сидæм парламентмæ, цæмæй йæ фæкарздæр кæной, цы хауы вандализмы фæстиуджытæ сраст кæнынмæ, ныхас кæнæм дæсгай милуан ларийыл, кæцы ногæй уæ æхца у, хуымæтæг æмбæстæгтæ, кæцытæ хъуамæ хардзгонд æрцæуой бюджетæй, кæд æмæ нæ бон у ацы фæрæзтæ æндæр, нысаниуæгджындæр проблемæты æрбæстон кæнынмæ здæхын», -расидтис Каха Къаладзе.

