Сæйраг сахары мэри 1-æм майæ райдыдта лæвар рæугы ракы скринингы программæ
Тбилисы мэри 1-æм майæ райдайдзæн рæуг ракы скринингы финанскæнынад – уый фæдыл сæйраг сахары мэр, Каха Къаладзе абон Тбилисы муниципалитеты хицауады рабадтыл расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, лæвар скрининг сырæздзæн сæйраг сахары 45-æй 75 азы кары регистрацигонд активон тамакойы пайдагæнджытæн, кæнæ та фæстаг 15 азы дæргъы тамако ныууагътой æмбæстæгтæн.
Къаладзейы ныхасмæ гæсгæ, скринингы программæйы детæлттæ, кар дæр нымайгæйæ, сбæлвырд сты онкологи, рентгенологи æмæ пульмонологийы сферæты раззагдæр специалисттимæ консультацитæ æмæ æнгом æмгуыстады фæстиуæгæн. Æвзæрст ма æрцыдысты раззагдæр клиникæтæ æмæ хуыздæр фæлтæрддзинад кæмæ ис, ахæм специалисттæ.
«Ацы этапыл программæйæн лæггад кæндзысты 16 медицинон уагдæттæ, кæцытæ сты Тбилисы æндæр æмæ æндæр географион зонæты» – банысан кодта Каха Къаладзе.
Тбилисы мэр афтæ дæр расидтис, цæмæй рæугъы рак дунейы фыццаг бынат ахсы онкологион патологиты аххосæй мæлæты нымæцæй, æмæ скрининг ахъаз кæны низы райрæзты бæрзонд рискъы адæймæгты рагагъоммæ рабæрæг кæнынæн æмæ 70 проценты онг цæрыны дæргъвæтиндзинад фæфылдæр кæны.