Зоналон-сахатгай паркингы системæ сæйраг горæты бæрæг ареалты абонæй фæстæмæ скусдзæн æмæ хæдтулгæты хицæутты сахатгай фидинаг фидын бахъæудзæн. Уый фæдыл Каха Каладзе сæйраг горæты мерийы хицауады абоны рабадтыл фехъусын кодта.
Тбилисы меры дзырдæй, æхсæнадон транспорты змæлды сногы параллелонæй, зоналон сахатгай паркинг скусдзæнис уыцы рæтты, кæцы рæтты дæр фæнысангонд паркингы системæ, пандемийы размæ дæр куыста.
«Зонут, цæмæй рæстæгмæ нын урæд уыдис фидинаг æмæ адæймæгты нæ хъуыдис паркингæн сахатгай фидын, уымæ, цæмæй æхсæнадон транспорт урæд уыдис. Уымæ гæсгæйæ, цæмæй муниципалон транспорт кусын райдыдта, параллелонæй скусдзæнис зоналон-сахатгай паркингы фидинаг дæр. Фæнысангонд системæ нырма æнæхъæн горæты нæ архайы, ис дзы æрмæст конкретон бынæттæ, дæнцæн, Орбелианийы фæз, Бараташвилийы уынг, Котэ Абхазийы уынг, Абанотубани, Пекины проспект, йæ цæхгæрмæ цалдæр уынгы, афтæма Вакейы район, цы ран архайы зоналон-сахатгай паркинг. Райсомæй ацы системæ фæстæмæ скусдзæнис уый тыххæй, цæмæй хъахъхъæд уа змæлды фæткæвæрд æмæ максималонæй бацауæрдæм нæ кæрæдзийыл», – райхъусын кодта Каха Каладзе.