Сæйраг горæты мэр, Каха Каладзейы фидиуæнæй, Тбилисы сæйраг назы бæлас ссудздзысты 15 декабры.
Каха Каладзейы дзырдæй, зæгъгæ æндæр деталты тыххæй фестæдæр фехъусын кæндзæн æхсæнадæн.
«Ног сæйраг назы бæласимæ сæмбæлдзæн Тбилис 2024 азыл. Хъуыды ма йæ кæнут ивгъуыд азы Назы бæласыл фехстой фейерверк, кæцыйы фæстиуæгæн фæзындис сыгъд. Зынгвæдисонтæ сыгъд ахуыссын кодтой, фæлæ Наз базиан ис æмæ ног назы балхæнын нæ бахъуыд. 15 декабрмæ план кæнæм бæстæйы сæйраг назы ссудзын. Уыдзæн æмбæлгæ концерт, кæцыйы тыххæй цъус фæстæдæр фехъусын кæндзыстæм информаци», – райъусын кодта Каха Каладзе.