Сæйраг горæты Наз æмæ ногазон иллюминацитæ 9 декабры ссудздзысты. Уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Каладзе сæйраг горæты хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Тбилисы мэры дзырдæй, фæстæдæр байгом уыдзæн ногазон хъæу дæр.
«Ногазон иллюминациты æмæ сæйраг горæты сæйраг наз ссудзыны мадзал 9 декабры, уымæ гæсгæйæ ацæудзæн, цæмæй цавæр уыдзæн боныгъæд. Уымæ дæр нæ хъус дарæм. Исты ивддзинад куы уа, уый фæдыл дæр фехъусын кæндзыстæм æхсæнадæн информаци. Фæлæ ахицæн кодтам, цæмæй 9 декабры ссудзæм сæйраг горæты ног иллюминацитæ, фæстæдæр байгом уыдзæн ногазон хъæу, цы ран æрвылбойнонæй ацæудзæн æндæр æмæ æндæр типы мадзæлттæ. Уый фæдыл фылдæр информаци, дзыллæйæн фæстæдæр фехъусын кæндзыстæм», – загъта Каха Каладзе.