«Сабырад  - хæстæй фылдæр у! Peace > war!»  Тбилисы абон уагъд æрцæудзæн Арчил Татунашвилиимæ солидарондзинады æмæ Уæрæсейаг оккупацийы  ныхмæ  акци
«Сабырад - хæстæй фылдæр у! Peace > war!» Тбилисы абон уагъд æрцæудзæн Арчил Татунашвилиимæ солидарондзинады æмæ Уæрæсейаг оккупацийы ныхмæ акци

4 марты, 18:30 сахатыл  Тбилисы  Сæрибары фæзыл ацæудзæн,  гуырдзиаг æфсæддон Арчил Татунашвилиимæ солидарондзинады  акций, кæцыйы  амардтой  Уæрæсейы оккупацигонд а.х Хуссар Ирыстоын де-факто формиргондтæ,   афтæдæр акци уыдзæн   уырыссаг оккупацийы ныхмæ –  уый фæдыл  хъусын кæнынц  акцйийы организатортæ,  кæцы иницииргонд уыд социалон хызагы.

Акцийы номхуындæй «Сабырад  – хæстæй фылдæр у! Peace > war!»  организатортæ,  Арчил Татунашвили мæлæты  фæдыл  цхинвайлаг фарс цы    версийы бавдыста  уый  хонынц  мæнгæй.  Уыдон  дзурынц, цæмæй  ацы  цау нæ уыд иунæг,  Гуырдзыстоны  æмбæстæгты   дурзæрдæйæ  куы  фæмард кæнынц  марионетон режимты минæвæрттæ,  сæрмагондæй та,  банысан кодтой  Гига Отхозориайы  Обхазимæ административон дихгæнæг хаххыл  марындзинады  факты.

Организатортæ куыд бансан кодтой афтæмæй,   акцийы  сæйраг нысан у,  солидарондзинад равдисын  Гуырдзыстоны ноджы иу мард æмбæстагы,  кæцы æсисс  уырыссаг  оккупацийы амæттаг.