Сабион Евроуынынад 2024-ыл, Гуырдзыстоны номæй рацæудзæн, проект «Ранинайы» æвдæм сезоны уæлахиздзау, Андриа Путкарадзе
Сабион Евроуынынад 2024-ыл, Гуырдзыстоны номæй рацæудзæн, проект «Ранинайы» æвдæм сезоны уæлахиздзау, Андриа Путкарадзе

Гуырдзыстоны номæй  Сабион Евроуынынад 2024-ыл проект «Ранинайы» æвдæм сезоны уæлахиздзау  Андриа Путкарадзе рацæудзæн.

11 аздзыд  Андриа  2013 азы  11  июны   Батумы райгуырд.  Зарын дыууæ азы  кары райдыдта æмæ æхсаз азæй  ныридæгæн  уыд   вокалон ансамблы  «Денджызы хъæбулты»  уæнг.

Андриа афтæдæр ахуыр кæны  Батумы Закариа Палиашвилийы  номыл  музыкалон   æхсæзазон  ахуыргæнæндоны, фортепианойы  æрдæмадæй. 2024 азы  26 майы уый  «Ранинайы»  æвдæм сезоны уæлахиздзау  ссис.

Андриа Путкарадзе  Сабион Евроуынынады  зарæджы конкурсыл  Гуырдзыстоны номæй  16 ноябры ацæудзæн.  Конкурс  Испанийы  сæйраг горæт Мадриды  ацæудзæн.