Саакашвилийы процессыл пенитенцион куысты минæвар америкаг неврологы бафарста – психотропон препараттимæ иумæ, боны мидæг дыгай авг коньяк ныуазын нормалон у?
Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийæн æфхæрды æмгъуыд ахæцыны фарстайыл цæугæ процессыл пенитенцион куысты медицинон департаменты къухдариуæггæнæг, Малхаз Урткмелидзе Шахин Эмануэл Лаханиймæ фарстæй баздæхт, ома зыдта уы1 æви нæ, цæмæй Саакашвили йæ æрцахсыны размæ ныуæзта психотропон препараттæ æмæ нæкæсгæ уымæ, уæддæр нымайы æви нæ, цæмæй Саакашвили æрцахсты онг æххæстæй æнæниз уыдис.
Эммануэл Лаханийы фидиуæнæй, зæгъгæ адæймаг, кæцыйæн ис депресс, гæнæн ис тынг æнæниз дæр уа.
«Хъуыды кæнын цæмæй дохтыры фыст хостæй куы цæуы депрессийæн хоскæнын, уæд нæ уыцы уавæр сæнæниз кæнынмæ бакæндзæн»- загъта Шахин Эммануэл Лахани.
Малхаз Урткмелизе америкаг неврологы бафарста, зæгъгæ зыдта æви нæ, цæмæй Саакашвили æмхæццæ катæйттæ кæнæ депресиийы тыххæй психотропон препараттимæ иумæ, ныуæзта алкоголон ныуæзт, сæрмагондæй та коньяк, дыууæ авы бæрц, кæцыйы дзуаппæ невролог загъта:
«Æвзæр ницы уынын ахæм алкогол фæлхасады, цахæм дæр у коньяк, нормæйæ уæлдай фæлхас кæнын не сфиксир ис. Уымæ гæсгæ дæр, уыцы цау нысаниуæгджын факторыл нæ банымдтон, цæмæй уый кой ракодтаин мæ хатдзæгы» – загъта Шахин Эммануэл Лахани.
Малхаз Урткмелидзейы фарстыл: «Психотропон препараттимæ иумæ боны мидæг дыгай авг коньякы райсын нормалон у?» зæгъгæ, америкаг невролог банысан кодта, цæмæй медицинон цæстæнгасæй уый нормалон нæу.
«Медицинон цæстæнгасæй, цæй зæгъын æй хъæуы, медикаменттимæ иумæ уæлдайджын алкогол ныуазын нормалон нæу», – банысан кодта америкаг невролог.