Руставы Жиули Шартавайы гуырæн бон банысан кодтой. Националон зхъайтары райгуырдæй 74-æм азы сæрмæ гæсгæ, бынæттон муниципалитеты минæвæрттæ, сахары цæрджытимæ иумæ Жиули Шартавайы ном ссардтой æмæ йæ мемориалмæ дидингуытæ бахастой.
Гуырдзиаг политикъон, паддзахадон æмæ æхсæнадон архайæг, Абхазийы автономионреспубликæйы министрты советы æмæ хъахъхъæнынады советы сæрдар, генерал-майор Жиули Шартавайы, сепаратисттæ 1993 азы 27 сентябры, Сухумы састы бон амардтой.
Жиули Шартава фæсмæрдонæй нымадмæ ист æрцыд националон хъайтарæй.