Руставы, æртæуæладзыгон корпусы хай ныккалдис
Руставы, æртæуæладзыгон корпусы хай ныккалдис

Руставы, Руставелийы уынгыл,  æртæуæладзыгон  цæрæн корпусы  хай ныккалдис.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы журналисты  информацийæ, дыууæ адæймагы цауы  бынатæй сæрæгасæй   ракодтой.

Бынатыл мобилизацигонд  у ирвæзынгæнæг   куыст, афтæма  патрулон  æмæ   тагъд медицинон  æххуысы  бригадæтæ.