«Рустави 2»-ы информацион куыстæн къухдариуæг кæндзæн журналист Ираклий Имнаишвили
Телекомпани «Рустави 2»-ы информацион куыстæн къухдариуæг кæндзæн журналист Ираклий Имнаишвили. Уый фæдыл телекомпанийы уагъд брифингыл «Рустави 2 « генералон директор Паата Салиа райхъусын кодта.
Паата Салиайы фидиуæнæй, Ираклий Имнаишвилийы зæгъгæ, телекомпанийы кусджытæн абон бавдыста.
«Цалдæр боны размæ, бирæ журналисты протесты нысанæй ныууагъдтой канал. Фæлæ каналы бардарæг сарызта фидиуæн, цæмæй уый цæттæ у æмæ «Рустави 2»-йы дуар гом уыдзæн алкæмæн, чидæриддæр эмоциналон фоныл рахаста уынаффæ. Телекомпанийы дуар гом уыдзæн профессионалтæн, чидæриддæр азты дæргъы куыстой æмæ кæй фæнды ацы канал уа бæрзондпрофессионалон, хæдбар, объективон æмæ критикон телеуынынад. Абон дзыллæмæ æздæхæм позитивон ногдзинадæй, кæцы тынг хорз райста фыццаджы дæр «Рустави 2»-ы бал, уыцы адæймæгтæ, кæцытæ каналæн кæронмæ æмзæрдæ сты. Уыдон бирæйæ сты. Зæгъæн ис 800 кусæгы бæрц. Абон сын бавдыстон профессионалы, кæцыйæн уæлæмхас бавдисын нæ хъæуы, уыйы зоны æппæт гуырдзыстон. Уый у иуæй-иу фыццаг журналист, кæцы йæ нæсæттондзинадæй, критикон ахастæй йæхи бахъуыды кæныны кодта дзыллæйæн æмæ тыхыбын бацис, раззаг хицауады минæвæртты æрдгæй уæвæг хъомысдарынады тыххæй, бæстæйæ ацæуын. Ацы профессионал у Ираклий Имнаишвили, кæцы стры рæстæг у Стыр Британийы телекомпани «ВВС»-ы кæй кусы» – райхъусын кодта Паата Салиа.