Румынийы фæсарæн хъуыддæгты министр – Гуырдзыстонимæ стратегион партнердзинад даргъ кæны, уымæн æмæ æууæндæм Гуырдзыстоны европон фидæныл
Румынийы фæсарæн хъуыддæгты министр – Гуырдзыстонимæ стратегион партнердзинад даргъ кæны, уымæн æмæ æууæндæм Гуырдзыстоны европон фидæныл

Румыни Евроцæдисы фыццаг бæстæ у, кæцы йæ ​​къух æрфыста Гуырдзыстонимæ стратегион партнердзинадыл, æмæ ацы стратегион партнердзинад дарддæр кæны, уымæн æмæ мах æууæндæм Гуырдзыстоны европон фидæныл – уый фæдыл Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрты фембæлды райдайæны размæ Румынийы фæсарæн хъуыддæгты министр Оана-Сильвия Цой расидтис.

«Афтæ дæр раст у, цæмæй ацы конкретон моменты, адæм тох кæнынц æмæ Гуырдзыстоны европæйаг фидæнæн фылдæр хайбавæрд хæссынц, институттæ æмæ хицауадæй.Мах нымайæм, цæмæй уый дæр у гуырдзиаг æхсæнады фидардзинады нысан æмæ факт, цæмæй æнæмæнгхъæугæ у адарддæр кæнын диалог æмæ инвестицитæ Гуырдзыстоны европон фæндагыл.

Цæмæн афтæ нысаниуæгджын у уый Румынийæн æмæ нæ æрмæст Гуырдзыстонæн, кæцы регионы нысаниуæгджын бæстæ у – дзуапп у уый, цæмæй фылдæр æмкуысткæнынад хъæуы æмæ иу фарс уæвын, Сау денджызмæ куы кæсæм, уæд. Æмæ уый тыххæй дæр тыхсæм уыцы цаутæй, кæцытæ абон Гуырдзыстоны цæуынц», -расидтис Румынийы фæсарæн хъуыддæгты министр.