Роуз Гетемюллер – уынаффæ йæ тыхы ис, Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-ы уæнг
Азты дæргъы иумæйаг куыстæй Гуырдызстон ноджы хæстæгдæр кæны НАТО-йы уæнгдзинадмæ æмæ ацы прогрессимæ æмцæдисонтæ алчидæр разы стæм – уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдары раздæры хæдивæг Роуз Гетемюллер, Гуырдзыстоны хъахъъæнынады æмæ æдасдзинады (GDSC) радæй 13-æм конференцийыл райхъусын кодта, кæцыйы хайад райста Брюсселæй.
Роуз Гетемюллер куыд банысан кодта афтæмæй, НАТО-йы æмкуысткæнынад Гуырдзыстонимæ сæрмагонд у æмæ цалдæр ардæмады æнцой кæны.
«Фыццаг æмæ сеппæтæй сæйраг бындур Гуырдзыстоны альянсы уæнг суæвынмæ тырнын у. Алчи зонут цæмæй ацы уынаффæ 2008 азы Бухаресты саммитыл æрцыд ист. Ацы уынаффæ йæ тыхы ис – Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы уæнг. Азты дæргъы иумæйаг куыстæй Гуырдызстон ноджы хæстæгдæр кæны НАТО-йы уæнгдзинадмæ æмæ ацы прогрессимæ æмцæдисонтæ алчидæр разы стæм. Гуырдзыстон æнæаскъуынгæ прогресс цалдæр механизмы фæрцы дардæдр кны, кæцы нæ æмкуысткæнынады дыккаг ардæмад у. НАТО-Гуырдзыстоны камисы (NGC) формат нын политикъон диалогы фадат дæтты. Афдæзон националон программæ (ANP) та, Гуырдзыстонæн уыцы реформæты ауадзыны æххуыс кæны, кæцытæ Гуырдзыстонæн альянсы фæстагмæ уæнгсуæвынæнæ у æнæмæнгхъæугæ æиæ æрвылазон аргълæвæрды фадат дæтты. НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакет (SNGP) йæ фарс хæцы уæ бæстæйы æдасдзинадæн æмæ хъахъхъæнынады сферæйы реформир кæнынæн» – райхъусын кодта Гетемюллер.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, НАТО-Гуырдзыстоны архайадон пакет райстæй 5 азы фæстæ, Гуырдзыстонæн диссаджы æнтыст ис.