Росс Уилсон -  Сæрибар разагъды фарс хæцæм, фæлæ  алцыппæт  хъуамæ уа  сабыр формæты
Росс Уилсон - Сæрибар разагъды фарс хæцæм, фæлæ алцыппæт хъуамæ уа сабыр формæты

Америкæйы  Иугонд Штатты  минæвары хæстæ æххæстгæнæг  Росс Уилсоны  фидиуæнæй,   АИШ-æ  йæ фарс хæцы  дзырды æмæ хъуыды сæрибардзинадæн, фæлæ  алцыппæт уый  æвдыст хъуамæ  уа   сабыр формæты.  Афтæдæр йæ  ныхæстæм гæсгæ,   афон у Гуырдзыстон  фæтыхджындæр кæна размæцыд  æмæ  бакуса æндæр нысаниуæгджын фарстатыл, кæцытæ бæстæйы  лæууынц.

«Знон айтынггонд фæзындтæм  гæсгæ мæ фæнды  зæгъын уын, цæмæй   цæй  зæгъын æй хъæуы  АИШ-æ  йæ фарс хæцы   дзырды сæрибардзинадæн,  æрымбырды  сæрибардзинадæн, фæлæ алцыппæт уый  æвдыст хъуамæ уа  сабыр формæтæй» –  райхъусын кодта Росс Уилсон.

Америкæйы  минæвары  хæстæ æххæстгæнæг,  акцийæн аргълæвæрдимæ иумæ,  зноны инаугурацийы  церемонийæн дæр скодта аргъ.

«Тынг райгонд æмæ   сæрыстыр стæм  знон,  хайад кæй райстам  инаугурацийы  церемонийы  уымæй.  Нæ   делегацийæн разамынд кодта USAID-ы   администраторы  хæдивæг.  USAID у  организаци,  кæцы  25 азæй  фылдæр у, Гуырдызстоны  архайы  æмæ йæ  фарс хæцы  Гуырдзыстоны экономикон, социалон  æмæ  демокративон райтынгæн.  Фæнды мæ зæгъын  цæмæй  æз дæр æмæ USAID-ы  къухдариуæгад дæр   раарфæ  кодтам цытджын Саломэ Зурабишвилийæн  æвзæрстыты уæлахиздзинад  æмæ банысан кодтам, цæмæй  цас нысан кæны  уый  бæстæйæн»-   загъта Америкæйы  минæвары  хæсатæ  æххæстгæнæг  Росс Уилсон.