Рос Уилсон бæлвырд кæны, цæмæй Сау Денджызы акваторимæ бацæуæг америкаг нау «Россы» дыууæ уырыссаг æфсæддон нау æрсырдтой
Гуырдзыстоны Америкæйы Иугонд Штатты минæвар Рос Уилсон бæлвырд кæны, цæмæй Сау Денджызы акваторимæ бахизæг америкаг нау «Россы» дыууæ уырыссаг æфсæддон нау æрсырдтой.
«Уый æнахуыр нæу Уæрæсейæн, цæмæй йæ цæст дара, асура сæ ахæм активондзинæдтæ, Америкæйы кæнæ æндæр бæстæты дендзион наутæ куы разынынц уæд. Фæлæ уый у мах бар, æхсæнадæмон барадмæ гæсгæ, сæххæст кæнæм ахæм операцитæ, вæццæгæн Уæрæсейы хъуамæ фæрсиккат, цæмæй цы рискъытæ уынынц ацы хъуыддаджы» – райхъусын кодта минæвар.
Батумы портмæ АИШ-ы æфсæддон денджызон тыхты нау, «Юэсес Росс» (USS Ross) 21 апрелы æрбацыд. Уый фæнысангонд науы фыццаг визит у Гуырдзыстонмæ. Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварады информацийæ, æфсæддон науы экипажы уæнгтæ гуырдзиаг коллегæтимæ иумæ, иуæймаг ахуыртæ 25 апрелы ауадздзысты. Визиты фæлгæтты афтæдæр плангонд у иумæйаг спортивон мадзæлтты ауадзын.