Ромы æнæнхъæлæджы ихуарды тыххæй, уынгтæ митæй æмбæрзт æрцыдысты. Уæлдæфы температурæ виппайды фæныллæг ис æмæ 8 градусмæ æрхызт.
Италиаг агентад ANSA-ы хъусинагæй, Италийы сæйраг сахары тæркъæвдайы тыххæй, сцад сты фæндæгтæ æмæ цалдæр метростанцæ, кæцы бæрæг рæстæгæй æхкæд æрцыд.
Тæркъæвда æмæ ихуард уыд Флоренцийы æмæ Пизайы дæр. Шторм Сицилийыл дæр ныццавдта йæхи, кæцыйы провинци Катаниа фæстаг æртæ боны дæргъы нырид дыккаг хатт сцад ис.