Роман Гоциридзе – Маргвелашвили загъта, парламент дам ныууадзут, уыйкуы ныууагъдтаит президент пост, куы йæ æфхæрдтой, уæд мах абон тыхыбын нæ уыдаиккам парламент ныууадзыны кой кæнын
Маргвелашвили загъта, парламент дам ныууадзут, уыйкуы ныууагъдтаит президент пост, куы йæ æфхæрдтой, уæд мах абон тыхыбын нæ уыдаиккам парламент ныууадзыны кой кæнын – уый фæдыл «Националон Змæлды» уæнг Роман Гоциридзе райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ кæмæндæр ис сæрмагонд паартион интерестæ, уымæн æмæ парламенты не сты æмæ сæ бынтон нæ хъуы 30 лæгон парти уа парламенты.
«Уыдонмæ хуыздæр кæсы уынджы уæм, цæмæй раддæмæ уæм æхсæнадæмон ахастытæй. Кæд дæм депутаты статус нæй, кæд дыл иунæг конгрессмен дæр нæ фембæлдзæнис æмæ нæдæр партнертæн уыдзæн демæ ахастытæ. Чи дзуры, мандаттæ дам ныууадзут, Вашингтоны растдæр парламенты статусæй фембæлынц нæ партнертимæ. Уый æппæт худæг у. Нырид æвзæрстытæ æрхæццæ сты, хуыздæр у æвзæрстытæм бацæттæ кæнæм æмæ нын цы минималон ресурс ис, уымæй спайда кæнæм. Маргвелашвили загъта парламент дам ныууадзут, уыйкуы ныууагъдтаит президент пост, куы йæ æфхæрдтой, уæд мах абон тыхыбын нæ уыдаиккам парламент ныууадзыны кой кæнын» банысан кодта Роман Гоциридзе.
Гуырдзыстоны раздæры преиздент Гиорги Маргвелашвили цалдæр бон размæ райхъусын кодта, цæмæй «кæцыфæнды къахдзæф, кæцы нæзагъд уыдзæн æмгуыстадыл, люстраци скæндзæн хицауады, ракæндзæн оппозицийы парламентæй æмæ фæкарз кæндзæн уавæр, у позитиввон æмæ райсинаг». «Фыццаг, цæй зæгъын æй хъæуы, парламент ныууадзын хъæуы. Уый аскуыддзаг кæндзæн уавæр, фæлæ æцæгæй фæкарз кæндзæн æмæ люстраци дæр скæндзæн» – банысан кодта Гиорги Маргвелашвили.