Роман Гоциридзе -  æнæхицауадон организацитæн  грантон программæйы саразын у  æнæхицауадон организацитæ  гæртам
Роман Гоциридзе - æнæхицауадон организацитæн грантон программæйы саразын у æнæхицауадон организацитæ гæртам

Æнæхицауадон организацитæн   грантон  программæйы  бындурæвæрд,  æнæхицауадон   организацитæн гртам дæттын у,  куыд ис гæнæн, организаци, кæцы бюджетон   хардзы æмæ коррупцийы  контрол кæны, райса  хицауадæй  æхца, – уый фæдыл   оппозиционер депутат  Роман Гоциридзе   Гуырдзыстоны  Фыццаг  Каналæн   фехъусын кодта.

Гоциридзейы  дзырдæй,  хицауад зæгъгæ   гадзрахатдзинад  ракодта.

«Хицауады  фыдгæнæгон   политикæйы  тыххæй, æрвылазонæй   дæсгай   милуан  фесæфдзæни, кæцы  хардз кодта   хъæууон хæдзарадыл, æнæнизхъахъхъæдыл,  фермертæн, амалхъомдзинад цух  уæнгтæн   æххуысыл. Ныр та, кæмдæридау   ацы  организациты финанс кæны бюджет.  Уыдон уыдзысты хицауадон организацитæ, уымæн æмæ паддзахадон бюджетæй  финансгонд  организацитæ   хицауады  коммæгæс  хъуамæ  уой.   Куыд ис гæнæн,  организаци, кæцы бюджетон   хардзы æмæ коррупцийы  контрол кæны, райса  хицауадæй  æхца æмæ адарддæр кæна  критикон куыст. Уый у  æнæхицауадон организацитæн гæртам раттын  æмбæстæгты  æхцайæ.  Фæсарæнтæй   сæдæгай милуан  æнæрмæст æнæхицауадон   организациты гранттæ  сты, фæлæ ма  уый, кæцы   лæггад кодта бизнесæн æмæ  уæлбарджын кредит уыд.  Хицауад  ракодта гадзрахатдзинад, кæцы нырид  экономикон фарсыл дæр фæзындзæнис, партнерты æрдгæй æххуыстæ  куы фæтар уыдзысты  уæд», – райхъусын кодта  Роман Гоциридзе.

Бæрæгдзырдæн, Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Къобахидзе  абоны   брифнгыл райхъусын кодта, цæмæй  гуырдзиаг æнæхицауадон организацитæн  бындур æрывæрдзысты   ног  грантон программæйæн, кæцы  сфинанс уыдзæн  паддзахадон бюджетæй.