«Ройтер» - Сергей Лавров хъусын кæны, цæмæй Украинайы цыппар регион, цы ран цæуы а.х. референдумтæ, Уæрæсейы скондмæ бацыды цауы, Мæскуыйы «æххæст хъахъхъæды» дæлбар ахиздзысты
Информацион агентад «Ройтеры» информацийæ, Сергей Лавров райхъусын кодта, ома Украинайы цыппар регион, цы ран ацытæккæ цæуы а.х. референдум, Уæрæсейы скондмæ куы бацæуа, уæд уыдон Мæскуыйы хъахъхъæды дæлбар ахиздзысты.
Нью-Йоркы генералон ассамблейыл дзырдæй ралæуды фæстæ лæвæрд пресс-конференцийыл, Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Лавровы журналисттæ бафарстой, «уыдзæн æви нæ Уæрæсейæн бындур атомон хæцæнгарзæй спайда кæнынæн анексиргонд регионты бахъахъъхæныны нысанæн».
«Референдумы фæстæ Уæрæсе, цæй зæгъын æй хъæуы, цыт кæны ацы адæмы хъуыдыйы сæрибардзинадæн, кæцы рагæй у нео-нацистон режимы æлхъывды бын. Уæрæсе Федерацийы алы закъон, доктринæ, концепци æмæ стратеги хæлиу кæны йæ æппæт территорийыл», – банысан кодта Сергей Лавров.