«Ройтер» - хæсты ныхмæ  акцитыл Уæрæсейы  4300-йæ  фылдæр адæймагы æрцахстой
«Ройтер» - хæсты ныхмæ акцитыл Уæрæсейы 4300-йæ фылдæр адæймагы æрцахстой

Уæрæсейы, Украинайы хæсты  ныхмæ акцитыл 4300-йæ фылдæр  адæймагы æрцахстой.

Информаци хъусын кæны  агентад «Ройтер».

Медийы  хъусинагæй, ивгъуыд æхсæв  Украинайы  хæсты ныхмæ  Уæрæсейы  масштабæй  56 горæты  ацæугæ протестон акцитыл  4300-йæ фылдæр демонстранты æрцахстой. Алкæмæй фылдæр  1700 адæймагы Мæскуы æмæ йæ алфæмбылæйтты  ацæугæ акцитыл  750 адæймагы та Санкт-Петербургы æрцахстой.

Медиа  куыд фыссы афтæмæй,  хæсты  ныхмæ акцитæ Уæрæсейы зæгъæн ис  алы стыр горæты  ацыд,  цы ран мингайц  демонстрант  хъæр кодтой  «Хæстæн Нæй»  æмæ «Худинаг» у зæгъгæ.

Уæрæсейы   мидхъуыддæгты  министрады хъусинагæй,  демонстрантты  æрцахст æрцыд  уый тыххæй, цæмæй  акцитæ   нæ уыдысты санкциргонд.   «Ройтер» куыд  фыссы, афтæмæй  ахæм масштабы  акцитæ  Уæрæсейы   фæстаг хатт  ивгъуыд   азы  январы  мæйы  уыд,  демонстранттæ ахст уырыссаг оппозиционер Алексей Навальныйы ссæрибар кæнын куы куырдтой уæд.