«Ройтер» - иртасæнмæ гæсгæйæ, «Астразенекайы» вакцинæ эффективон у «Ковид-19»-ы индиаг вариантты ныхмæ
«Астразенекайы» вакцинæ «Ковид-19»-ы индиаг дельта æмæ каппа вариантты ныхмæ у эффективон. Информаци уый тыххæй хъусын кæны агентад «Ройтер».
«Ройтеры» информацийæ, иртасæн ауагъдта Оксфорды университет. Ахуыргæндтæ бацахуыр кодтой, куыд куынæг кæнынц вакциниргонд адæймгæты туджы уæвæг моноклонон антибуæрттæ, дельта æмæ каппа вариантты .
Англисы æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды уагъд иртасæн равдыста, цæмæй «Pfizer» æмæ «Астразенекайы» вакцинæтæ, дельта варианты цауы, госпитализацийы хъæуындзинад къаддæр кæнынц 90%-ы онг.