Робин Данниган – премьер Ираклий Гъарибашвилийæн загътон, цæмæйпрезидент Джо Байден, Энтони Блинкен æмæ мах алчи, нæбыхсгæйæ æнхълмæ кæсæм партнерад æмæ хæларад дарддæр фæарфдæрмæ
Робин Данниган – премьер Ираклий Гъарибашвилийæн загътон, цæмæйпрезидент Джо Байден, Энтони Блинкен æмæ мах алчи, нæбыхсгæйæ æнхълмæ кæсæм партнерад æмæ хæларад дарддæр фæарфдæрмæ

Америкæйы  Иугонд Штатты президент Джо Байден, АИШ-ы падзахадон  нымæрдар Энтони Блинкен æмæ алчи, нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсæм Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  партнерады æмæ хæларады  дарддæр фæарфдæрмæ- уый фæдыл  Гуырдзыстоны АИШ-ы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар  Робин Данниган  Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ АИШ йæ фарс хæцы  Гуырдзыстонæн æндæр æмæ æндæр æрдгæй.

«Бæрзонд аргъ кæнын  абоны  фембæлдæн прмьер-министримæ.  Æз  загътон   премьер-министрæн, цæмæй Америкæйы  Иугонд Штатты президент Джо Байден, АИШ-ы падзахадон  нымæрдар Энтони Блинкен æмæ алчи, нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсæм Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы  партнерады æмæ хæларады  дарддæр фæарфдæрмæ. Нæ хæлардзинады æмæ партнерады 31 азы дæргъы, Иугонд Штаттæ  йæ фарс хæцынц  Гуырдзыстонæн æндæр æмæ æндæр æрдгæй – ахуырады æмæ æнæнизхъахъхъæды секторы,  афтæма инфраструктурæйы  райтынгы  æрдгæй.  Гуырдзиаг æфсæддæттæ та  америкаг æфсæддимæ    иумæ лæууыдысты Афгъанистаны, Иракы æмæ Косовойы.  Æз ма афтæдæр  загхтон премьер-министрæн, цæмæй нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсын   Гуырдзыстонæн  фарсхæцынмæ, ныгуылæны, Евроцæдисы  æмæ НАТО-мæ интеграцийы  размæцыдмæ. Фæнды мæ ауæрæхдæр кæнон нæ  адæмты æхсæн  æмæ  экономикон   ахастытæ, афтæмæй, нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсын ацы бæстæйы æмæ гуырдзиаг адæмы  хуыздæр куыд  базонгæ кæнон уыцы  рæстæгмæ» –  райхъусын кодта Робин Данниган.