Робин Данниган – ныфс мæ ис, гуырдзиæгтæ дзæбæх æркæсдзысты, кæмæ схъæлæс кæндзысты æмæ сæ бауырндзæн, цæмæй постыл уыдзысты уыцы адæймæгтæ, чидæриддæр æвдисы гуырдзиаг адæмы фæнд
Æвзарæнон кампанийы рæстæджы бирæтæ дзырдтой политикон партитыл æмæ политик кандидаттыл, фæлæ æвзæрстыты сеппæтæй ахсджиаг у æвзæрстгæнæг, кæцымæ ис бар зона, цæмæй цавæр сты уыцы партитæ, кæцытæн хъæлæс кæнынц – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар, Робин Данниган райхъусын кодта.
«Мах ам стæм уый тыххæй, цæмæй скусын кæнæм а.х. æвзарæнон компас 24. Фæнды мæ цъус цыдæртæ зæгъын, цæмæй куыд архайдзæн ацы гарзæг. Æвзарæнон кампанийы сезоны рæстæджы тынг бирæ фæдзурынц политикон партитыл æмæ политик каниддаттыл, фæлæ æвзæрстыты сегасдæр ахсджиаг у æвзæрстгæнæг. Гурыдзиаг адæмæн ис бар зона цавæр сты уыцы политикон партитæ, кæцытæн хъæлæс кæнынц» – райхъусын кодта минæвар.
Робин Данниган ныфс дары, цæмæй «æвзæрстгæнджытæ лæмбынæг æркæсдзысты кæмæн схъæлæс кæндзысты».
«Уый у æфсон, цæмæй æмгуыст кæнæм Германиимæ æмæ Евроцæдисимæ ацы проектыл, цæмæй сифтонг кæнæм, ома гуырдзиаг æвзæрстгæнджытæ рацæуой, схъæлæс кæной, зоной, цæмæй сæ хъæлæс у сусæг; зонынц,ц æмæй æвзæрстытæ рæстаг сты æмæ партитæ, кæцытæн хъæлæс кæнынц, сты ахæм, кæцы сæ сæхи, гуырдзиаг æвзæрстгæнджыты фæнды. Ныфс мæ ис, цæмæй схъæлæс кæнынæй, постыл уыдзысты уыцы адæймæгтæ, кæцытæ равдисдзысты гуырлзиаг адæмы фæнд» – райхъусын кодта Робин Данниган.