Роберта Меццола – нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсæм Гуырдзыстоны перспективæмæ Евроцæдисы, уырны мæ Гуырдзыстоны æмæ гуырдзиаг адæмы сæ фæндаг æмæ перспективæйы
Европарламенты президенты Роберта Меццолайы фидиуæнæй, Гуырдзыстоны фидæн ис Европæйы.
Меццола европаг политикон иугонд дыккаг саммиты райдаыны размæ куыд райхъусын кодта афтæмæй, Евроцæдис нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсы Гуырдзыстоны перспективæмæ цæдисы.
«Мах нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсæм Гуырдзыстоны перспективæмæ Евроцæдисы, реформæтæ хъуамæ сыххæст уой. Фарстытæн хъæуы дзуаппытæ раттын. Реформæтæ фæцæуынц. Уырны мæ Гуырдзыстоны æмæ гуырдзиаг адæмы сæ фæндаг æмæ перспективæйы», – райхъусын кодта Роберта Меццола.