Роберт Плант Гуырдзыстонмæ æрцыд [видео]

Роберт Плант Гуырдзыстонмæ  æрхæццæ ис.   Англисаг  рокмузыкант  æмæ  й   бэнды хæдтæхæг,   Баутмы  æхсæнадæмон аэропорты   æрбадтис.

«Лед Зеппелины»  раздæры солист  ныридæгæн æрцардис  Батумы  иуæй-иу  фысымуаты.  Роберт Плант  медиимæ  комментарий нырма нæ сарызта.

Номдзыд  музыкæархайæг    сом  «Блек Си Аренæйыл»    ратдзæн концерт,    цæмæй дæр  байгом кæндзæн «Сау Денджызы  Джазфестивал».

Роберт Планты  концерты фæстæ, «Сау Денджызы Джазфестивал»  Батумы  кортытæм ахиздзæн,   цы  ран  бацæттæгæнæн  мадзæлттæ   цæуынц.  Бынатыл  сценæйы æмæ  аппаратурæйы  монтаж  кæнынц.

Гуырдзыстоны    джазфестиваль  сом  19  июлы,  Роберт Планты  концертæй   райдайдзæн æмæ  22 –æм июлмæ  аххæссдзæн.