Рикъотыл аварийы  хайадисæг  трайлеры тæрæг  ахст у
Рикъотыл аварийы хайадисæг трайлеры тæрæг ахст у

Рикоты  тунелы  цур цы авари  æрцыд уый  хайадисæг  трайлеры  тæрæг  ахст у –  уый тыххæй  Фыццаг  Къаналæн  фехъусын кодтой мидхъуыддæгты  министрады пресс-куысты.

МХМ-ы информацийæ,  æрцæугæмæ гæсгæ,  фæдагуырд  райдыдта  тугтæрхоны барады  кодексы 276-æм статийы  7-æм пуктæй,  кæцы йæ хъуыдыйы дары  транспорты змæлды  æдадзсинады  кæнæ эксплуатацийы  хæлд, кæцы  расидтис  дыууæ  кæнæ  фылдæр адæймагы   мæлæт,  æфхæрд цæуы  ахстæй  6-10 азы онг  æмгъуыдмæ.

Рикъоты тунелы цур аварийы фæстиуæгæн  5 адæймаг фæмард, сæ нымæцы  дыууæ сывæллоны.

Уæвæг информацийæ,   фæндагон-транспортон цауы  фæстиуæгæн афтæдæр  зиæнттæ райста иу адæймаг, кæцыйы фæхæццæ кодтой медицинон уагдонмæ.