Рикоты автомагистралæй ноджы 12 км байгом уыдзæн змæлдæн, æмæ æмтгæй райсгæйæ, змæлдæн пайда уыдзæн ног Рикоты автомагистралæй 48 км.
Рикъоты æфцæджы сæйраг фæндаджы арæзтад цыд цыппар хайæ. Гуырдзыстоны хицауады информацимæ гæсгæ, ацы рæстæгмæ, æртæ хай (Хеви-Убиса, Убиса-Шорапани, Шорапани-Аргвета) æмæ фыццаг (Чумателети-Хеви) 11 км хайы 7 км фæндагон змæлдæн æххæстæй байгом уыдзæн. Се ‘хсæн, транспортæн спайда уыдзæн историон, ногæй реабилитацигонд Рикъоты тъунел æмæ йæ параллелон ног тъунелæй.
Гуырдзыстоны хицауады информацимæ гæсгæ, Рикъоты автомагистралы арæзтады проекты фæлгæтты, æнæхъæнæй 52 км 4-фæндагон автомагистрал 51 туннел æмæ 97 хидимæ арæзт цæуы.
Сæ хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, транспорт ныридæгæн спайда кæндзæн ног 4-фæндагон фæндаджы 48 км, 49 тъунелæй æмæ 88 хидæй. Интенсивон куыст дарддæр кæны Чъумæтелеты-Хеуы баззайæг 4 км хайыл. Кæронбæттæн этапыл сты къуылдымты стабилизацион куыстытæ, се æхсæн 149-æм километры уæвæг къуылдым дæр, цæй фæстæ дæр райдайдзæн фæндаджы арæзтад.
Гуырдзыстоны хицауад æмбарын кæны, цæмæй афæдзы кæронмæ, фæндаджы арæзтад фæуыдзæн, æмæ климатон уавæртæм гæсгæ, технологон параметртæ æмæ домæнтæ æнæмæнгæй баххæст кæнгæйæ, фæндаджы уæлцъар сæвæрдзысты. Фæндаджы ног хай байгом кæныны фæстæ райдайдзысты зæронд фæндаджы реконструкци-модернизаци.
«Рикъоты байгомгонд 48 км автомагистраль 8 км-æй фæкъаддæр кæны фæндаггон дæрддзæг æмæ æппынкъаддæр фæндагон рæстæг æрдæгыл фæкъаддæр кæны. Ног фæндаг арæзт у фæндагон змæлды æдасдзинады дунеон стандарттæм гæсгæ æмæ ифтонггонд у фæндаггон рухсгæнæн системæйæ. Æдæппæтæй, Рикотийы ног сæйраг фæндаджы 93% ныридæгæн пайда кæны фæндагон транспортæй, куыстыты цыд та у 98%. Рикойы автомагистралы арæзтад æххæстгонд цæуы Азийы рæзынады банкъæй (АРБ), Европæйы инвестицион банкъæй (ЕИБ) æмæ Дунейы банкъæй (ДБ) æмæ паддзахадон бюджетæй райсгæ кредитты æмфинансирдзинадæй. Куыстыты иумæйаг аргъ 2.6 миллиард ларийы онг у», – ис фыст Гуырдзыстоны хицауады информацийы.