Рикъ  Пери – Вашингтон, уырыссаг  магистралон  газдадзæны  проектыл «Цæгаты Къада 2»   санкцитæ  фæкарздæр кæндзæн
Рикъ Пери – Вашингтон, уырыссаг магистралон газдадзæны проектыл «Цæгаты Къада 2» санкцитæ фæкарздæр кæндзæн

Вашингтон  Уæрæсейы Европæимæ иугæнæг  магистралон    газдадзæны  «Цæгат Къада 2»- ыпроекты баст   компанитыл  иууыл тагъд  санкцитæ  фæкарздæр кæндзæн –  уый тыххæй  Америкæйы  Иугонд Штатты   энергетикæйы министр  Рик Пери  абон Киевы   райхъусын кодта.

Украинæйы сæйраг сахармæ  америкаг  бæрзонд гæс  Украинæйы президент Владимир  Зеленскийы инаугурацийы церемонимæ  ныццыд. ИНформацийы  хъусын кæны агентад «Ройтер».

Агентадмæ гæсгæ,  Кремлы  инициргонд  газдадзæны  проект, «Цæгаты Къада 2»   рагæй  фæстæмæ   АИШ-ы  æмæ  Скæсæн Евроæпйы   цалдæр   бæстæйы,  афтæдæр  цæгаты  æмæ  Балтийы  Донбылы  бæстæты  критикæйы  объект у.  Фæнысангонд  газдадзæны  оппонент паддзахадтæ  дызæрдыг кæнынц, цæмæй  «Цæгаты Къада 2» райрæзын кæндзæн  Европæйы  бастдзинад  уырыссаг  æрдзон газыл.