Фæтобæ уæнт резинæйæ нæмгуыты фæрцы протестон акцитæ ныссæндын – ацы æркуырдæй «Æмбæстагон змæлд» хæлиу кæны петиций. Æмтгæй райсгæйæ 20 000 къухфысты æрымбырд кæнын хæъуы.
«Æмбæстагон змæлды» куыд банысан кодтой афтæмæй, пкетицийыл къух бафыстой 2000 адæймаг.
«Æнæруадзгæ у сабырадон митинггæнджыты ныссæндын ахæм хотыхтæй, кæцы адæймаджы фæсахъатджн кæны кæнæ та йæ амары. Хотыхы инструкцийы комкоммæ амынд у цæмæй уымæй пайда кæнын адæймаджы ныхмæ расайы мæлæддзаг цæфтæ. Полицийы фæдыл закъоны 12-æм стати бæлвырд кæны, уыцы специалон мадзæлтты ранымад, кæцытæй гæнæн ис спайда кæна сабырадон демонстрациты рæстæджы. Ацы ранымады никуы ис ныхас резинæйæ нæмгуытæй пайда кæныны тыххæй. Бæрæг куыд у афтæмæй закъоны мидæг уæвæг ныффыст – «æнæлеталон æхсæнгарз» полицийы æрдгæй нымадмæ ист æрцыд куыд резинæйæ нæмгуытæй, митинггæнджыты ныхмæ спайда кæныны барæй.
Кургæ стæм æнæаргъæвгæйæ æрымбырд уа парламенты уæлрадон рабадт æмæ ивдтытæ бацæуæт полицийы тыххæй закъонмæ. КОмкоммæ фæтобæ уа, резинæйæ нæмгуыты фæрцы протестон акциты ныссæндын» – фыст ис фидиуæны.