Reuters - Ираны протесты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 3000-æй ахызт
Reuters - Ираны протесты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 3000-æй ахызт

Reuters-ы информацийæ, Ираны протестон акциты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 3000-æй фылдæр у. Уый тыххæй хъусын кæнынц бархионтæ.

Сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæмард сты 3090 адæймагы. Се æхсæн 2 885 демонстранттæ.

Уымæй уæлдай ма,  Тегераны  цæрджытæ  Рейтерæн  куыд фехъусын кодтой афтæмæй,  Ираны сæйраг сахары  фæстаг  дыууæ  боны дæргъы  протесттæ нæ уыд. Горæты сæрмæ тæхынц дронтæ.

Информацимæ гæсгæ, Ираны протесттæ райдыдтой 28-æм декабры, уый аххосаг уыд Ираны националон валютæйы рекордон девальваци. Хицауад тыхы спайдайæ фæурæдта протесттæ. Интернеты бастдзинад цалдæр боны нæ куыста.