«Пырх кæнынæн нæ!» – Республикон рынчындоны цур солидарондзинады акци цæуы.
Республикаон рынчындоны куыджыты организацигонд акицмæ, баиу сты хуымæтæг æмбæстæгтæ, æндæр клиникæты дохтыртæ æмæ «Волты» курьертæ дæр.
Клиникæйы медперсонал æнæнизхъахъхъæды министрады уыцы уынаффæ протест кæны, кæцымæ гæсгæ дæр уæвæг бæстыхайы хай хъуамæ ныппырх кæной æмæ йæ бынаты ног клиника саразой. Къухдариуæгад кусджытæн дзырд дæтты, цæмæй арæзтадон куыстыты фæудмæ алкæмæн уыдзæн æмбæлгæ куыст бынат æмæ мыздтæ. Фæлæ клиникæйы кусджыты ацы ныфсæвæрдты нæ уырны æмæ премьер-министримæ фембæлын курынц.
Акцийы хайадисджытæ хъусын кæнынц, цæмæй Республикон рынчындоны ныппырх кæныны фадат никæмæн ратдзысты æмæ акцитæ перманентонæй адарддæр уыдзысты.