Реджеб Тайип Эрдогъан Украина æмæ Уæрæсейы президентты Туркмæ фæхуыдта
Турчы президент, Реджеб Тайип Эрдогъан Украина æмæ Уæрæсейы президентты, проблемон фарстатæ æркæсынæн, Туркмæ фæхуыдта. Уый фæдыл Турчы президенты прес-спикер Ибраим Калин фехъусын кодта.
Турчы президенты минæвары дзырдæй, Анкара зæгъгæ цæттæ у, сифтонг кæна бадзырдты платформæ Владимир Зеленски æмæ Владимир Путины æхсæн.
Ибарим Калины фидиуæнæй, Турчы президент æввахс къуыриты дæргъы Украинамæ ныццæудзæн æмæ параллелонæй Турчы хицауадæн уыдзæн æнгом коммуникаци Уæрæсейы хицауадимæ, цæмæй маруадзой цыфæнды хуызы æфсæддон архайд, кæцыйæн серьозон фæстиуджытæ уыдзæн.
«Ацы типы стыр, дæргъвæтин геополитикон фарстаты аскуыддзагы тыххæй, виппайды уынаффæтæ нæй, уымæн æмæ о, уый æххæссы Украинамæ. Фæлæ иннæрдгæй, уый у бирæ стырдæр фарста, барæныл бирæ стырдæр фарста ис. Турк цæттæ у кæцыфæнды ролмæ, цæмæй ныттынггонд уавæр æрнымæг кæна Уæрæсе æмæ Украинайы æхсæн. Мах уый аразæм, куыд Турк, куыд Уæрæсе æмæ Украинайы хæлар бæстæ, фæлæ афтæма иурæтсæгонæй НАТО-ы æмцæдисон», – райхъусын кодта Ибраим Калин.