Реджеб Тайип Эрдогъан - Уæрæсеимæ, Китаимæ æмæ Украинæимæ Турк базарад райдайдзæн националон валютæйæ
Уæрæсеимæ, Китаимæ æмæ Украинæимæ Турк базарад райдайдзæн националон валютæйæ – уый фæдыл Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан райхъусын кодта.
Сау Денджызы былгæрон сахар Ризейы, хицугæнæг партийы уæнгтимæ фембæлдыл Реджеб Тайип Эрдогъан загхта, цæмæй Турк цæттæ у ахæм системæ æрбайсынмæ Европæйы уыцы бæстæтимæ дæр, чидæриддæр «доллары уæлæндæвдæй ссæрибар кæнын сфæнд кæндзæн».
Туркаг лира цæугæ азы 40%-æй сæнæаргъ ис. Туркаг валютæйы сæнæаргъ расидтис АИШ-ы æрдгæй туркаг аллюминий æмæ æндоныл тарфиты фæдывæр.
Вашингтоны æмæ Анкарайы æхсæн æндыгъддзинад Турчы америкаг пасторы, Эндрю Брансоны æрцахст фæстæ сцырын ис, кæцыйы азымджын кæнынц Гюллены организациимæ бастдзинады.
АИШ-ы æнæиу сидтмæ æнæкæсгæ, Турчы хицауад пасторы ссæрибар кæныныл нæ разы кæны.