Реджеб Тайип Эрдогъан – Турк æвæрццагыл нымайы Финляндийы куырдиат НАТО-йы уæнгсуæвыны фæдыл, фæлæ Швецийы куырдиатмæ разы нæу
Турк æвæрццагыл нымайы Финляндийы куырдат НАТО-ы уæнгсуæвыны фæдыл, фæлæ Швецийы куырдиатимæ разы нæу – уый фæдыл Турчы президент, Реджеб Тайип Эрдогъан, Анкъарайы, парламенты æмпартийæгтимæ фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.
Эрдогъаны дзырдæй, НАТО-йы уæнгсуæвынæн Швеци Хъуыранм йæ ахаст хъуамæ фæива.
«Лæмбынæг нæ хъус дарæм фæзындтæм НАТО-йы ауæрæхы процйессы фæдыл. Швеци, архайдыл ма тыхс ацы этапыл. О зæгъгæ нæ зæгъдзыстæм уæ куырдиатæн НАТО-йы уæнгсуæвыныл, цалынмæ сымах нæ сыгъдæг чиныг Хъуыраны куынгæ кæнын æмæ судзын нæ ныууадздзыстут уæ æдасдзинады кусджытимæ иумæ уæдмæ. Мах æвæрццаг кæсæм Финаляндийы куырдтамæ, фæлæ æппæрццагæй Швецимæ» – загъта Турчы президент.