Реджеб Тайип Эрдогъан - кæд Джо Байден Туркæн F-1 типы авиакуынæггæнджыты бауæй кæнынимæ сразы уыдзæн, уæд Турчы парламент НАТО-йы Швецийы уæнгсуæвыны фарста ратификаци скæндзæн
Реджеб Тайип Эрдогъаны дзырдæй, зæгъгæ кæд Джо Байден Туркæн F-1 типы авиакуынæггæнджыты бауæй кæнынимæ сразы уыдзæн, уæд Турчы парламент НАТО-йы Швецийы уæнгсуæвыны фарста ратификаци скæндзæн. Уый фæдыл Азербайджанæй фыдыбæстæмæ æрыздахæнæн Турчы президент хæдтæхæджы бортыл уæвгæйæ журналситтæн загъта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ Турчы фæсарæн хъуыддæгты министр Хакан Фидан æмæ АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкен Швецийы НАТО-йы уæнгсуæвыны фарстайыл хуыцаубоны Нью-Йоркы фæныхас кодтой.
Эрдогъан банысан кодта, цæмæй АИШ-ы администраци Туркæн авиакуынæггæнджыты бауæй кæныны фарста Швецийы цæгататлантикон альянсы куырдиаты ратификациимæ иу кæны.
«Кæд уыдон сæ дзырдлæвæрд сыххæст кæндзысты, нæ парламент афтæдæр сыххæст кæндзæн нæ дзырдлæвæрд. Турчы парламентæн скуыддзагагæн ныхасы бар ис НАТО-мæ Швецийы райсты тыххæй», – райхъусын кодта Эрдогъан.
Банысанкæнинаг у, цæмæй Анкара Вашингтонæй F-16 æмæ Турчы арсеналы уæвæг хæдтæхджыты модернизацийæн комплекстæ нырма 2021 азы октябры ракуырдта. 6 миллиард доллары аргъы проектмæ хауынц 40 иуæг авиакуынæггæнæг æмæ 79 хæстон хæдтæхæгы модернизацийæн хъæугæ комплекстæ.