Реджеб Тайип Эрдогъан - Гиорги Гахариайы лидердзинадæй,нæ бæстæты æхсæн, дарддæр кæндзæн уæвæг стратегион æмгуыстад æмæ хæларон ахастытæ
Турчы Республикæйы президент Реджеб Тайип Эрдогъан Гиорги Гахариайæн Гуырдзыстоны премьер-министры бынатыл ногæй снысан кæнын раарфæ кодта.
Арфæйы фыстæджы Реджеб Тайип Эрдогъан банысан кодта, цæмæй зæгъгæ уырнæг у, Гиорги Гахариайы лидердзинадæй, дыууæ бæстæйы æхсæн, фидæны дæр дарддæр кæндзæн уæвæг стратегион æмгуыстад æмæ хæларон ахастытæ.
«Цытджын премьер-министр, зынаргъ хæлар, сæрмагондæй мæхи æмæ Турчы хицауады номæй зæрдиагæй уын арфæ кæнæм æнтыстджын æвзæрстыты фæстæ, премьер-министры фæллойад адарддæр кæнын. Уырнæг дæн цæмæй ацы критикон периоды, кæцыйæн æз аргъ кæнын куыд ног фадæтты сæвзæрдæн нæ регионы æнæфæцудгæ сабырады æмæ стабилондзинады сæрæй æрфидар кæныны цæстæнгасæй, уæ зондджын лидердзинадæй, фидæны дæр алы сферæйы адарддæр уыдзæн нæ бæстæты æхсæн уæвæг стратегион æмгуыстад æмæ хæларон ахастытæ. Фæнды мæ моментæй спайда кæнон æмæ уын ракуывон æнæниздзинад æмæ амондджындзинад, гуырдзиаг адæмæн та фарн. Ног аз нын нæ бæстæты æмæ нæ регионæн æрхæссæд сабырад æмæ фарн» – банысангонд у арфæйы фыстæджы, кæцыйы ахæлиу кодта Гуырдзыстоны хицауады администрацийы пресс-куыст.