Реджеб Тайип Эрдогъан - АИШ-ы æртъхъирæн, Туркы мæты не ’фтауы æмæ æфсæддон операци адарддæр кæндзæн
Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъаны дзырдæй, АИШ-ы æртъхъирæн санкцитæ уагæвæрды тыххæй, Туркы мæты не фтауы æмæ æфсæддон операци адарддæр кæндзæн. Ацы фидиуæны, Турчы лидер Азербайджанмæ визиты фæуды фæстæ сарызта.
«Махæн нæ мысан у бæрæг æмæ исты санкциты уагæвæрдыл нæ мæт кæнæм. Сирийаг курдаг хæцджытæ тынг цырдæй сафынц сæ позицитæ. Нæ мысан у Турчы арæнæй 32 километрмæ аддæдуар кæнæм. Террористтимæ бадзырдтæ мах нæ аразæм», – райхъусын кодта Эрдогъан.
АИШ-æ Туркæн санкцитæ 14 октябры сфидар кодта Уый æфсонæн АИШ æрхаста Турк, Сирийы цы æфсæддон опраци райдыдта уый. Вашингтоны райхъусын кодтой, цæмæй зæгъгæ кæд Анкара операци нæ фæуромдзæн, уæд гæнæн ис санкцитæ фæкарздæр кæной.
Афтæдæр бæрæг ссис, цæмæй 16 октябры Туркмæ ныццæудзæн АИШ-ы делегаци, кæцыйы сконды уыдзысты АИШ-ы вице-президент Майк Пенс æмæ паддзахадон нымæрдар Майк Помпео.