Реджеб Таийп Эрдогъан Ираклий Гъарибашвилийæн æмæ гуырдзиаг дæмæн арфæ кæны Гуырдзыстоны Хæдбарады Бон
Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийæн арфæ кæны Гуырдзыстоны Хæдабарды бон.
Турчы президент арфæйы фыстæджы разагъта уырнынад, цæмæ дыууæ адæмы хæлардзинад, æввахс сыхагон ахастыты æмæ стратегион æмгуыстад, фидæны дæр адарддæр уыдзæн.
«Туркаг адæма æмæ сæйрмагондæй мæ номæй уын, сымах æмæ гуырдзиаг адæмæн зæрдаигæй арфæ кæнын Гуырдзыстоны хæдбарады бон. Уырны мæ, цæмй нæ адæмты хæлардзинад æмæ иумæйаг интересты бандурыл, фидæны дæр дарддæр кæндзæн не хсæн уæвæг æрвылбойнонæй рæзгæ æввахс сыхагон ахастытæ æмæ стратегион æмгуыстад, кæцы нысаниуæгджын хайбавæрд кæны регионы сабырдзинады, стабилондзинад æмæ фарны фарстæты» – банысангонд у Турчы преизденты фыстæджы.
Реджеб Тайип Эрдогъан райгонддзинад æвдисы Гуырдзыстоны премьер-министры Туркмæ визиты тыххæй, кæцы фыццаг июны ацæудзæн.
«Рагойнд дæн цæмæй 2021 азы 1 июны, нæ бæстæмæ плангонд уæ визиты рæстæджы нын уыдзæн фадат, æркæсæм куыд дыууæфарсон ахастытæ, афтæ нæ регионы цæугæ фæзындтæ. Спайда кæндзынæн фадатæй æмæ уын æнæниздзинад æмæ амондджындзинад зæгъын мæ зæрдæ, æрмæтс гуырдзиаг адæмæн та æнæфыдбылыз фидæн»- банысангонд у Турчы президенты арфæйы фыстæджы.