Раздæры депутат генерал Сосо Кутателадзейы Руставы мардæй ссардтой
Рустави Стамболы базарæй цы фæхонынц уый иуæй-иу бардарæгы, кæцыйы сæрмагонд кабинеты мардæй ссардтой, раздæры депутат, генерал Сосо Кутателадзе.
Уый фæдыл информаци Фыццаг Каналæн сбæлвырд кодтой базары кусджытæ. Сæ информацийæ, фæмардуæвæгы бинонтæ æрцæугæйы тыххæй информиргонд сты.
Фыццаг Каналы журналист бынатæй куыд хъусын кæны афтæмæй, æвдисæнты ныхæстæм гæсгæ, фæмардуæвæгы ссардта йе мкусæг.
Цъус рæстæджы размæ, бынатмæ бацыд базары ноджы иу бардарæг, кæцыйы ныхæстæм гæсгæ, фæмардуæвæг зæгъгæ никæмæ уыд конфликтон ахасты æмæ уымæн нæу бæрæг цы æрцыд уый.
Ацы минутты цауы бынатыл кусынц эксперт-криминалисттæ.
Сос Кутателадзе 1964 азы райгуырд. 1991 азæй службæ кодта Гуырдзыстоны гарзджын тыхты æндæр æмæ æндæр постыл. 2001 азы онг куыста Сачхерейы батальоны;2001 азæй – националон гвардийы сконды; 2004-2006 азты националон гвардийы сæрдар.
2008 азæй уыд Гуырдзыстоны парламенты уæнг æмæ хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады комитеты сæрдары хæдивæг.
Генерал Сосо Кутателадзе хайад иста Гуырдзыстоны территорион æнæнхъæндзинадæн тохы Абхази æмæ Цхинвалы регионы, афтæдæр сабырадон операциты Иракъы.
Уыдис бригадæй генерал, лæвæрд йæм уыд АИШ-ы армийы генерал-майоры кадджын титул, афтæдæр сачхерейы цытджын æмбæстагы ном хаста.