Рамадан Байрамы тыххæй, Батумы централон мæзджыты бæрæгбойнон скуывд сыххæст кодта Гуырдзыстоны муфтий, Адам Шантадзе
Рамадан Байрам бæрæгбон кæнынц абон гуырдзыйаг пысылмонтæ. Батумы централон мæзджыты бæрæгбойнон скуывд Гуырдзыстоны муфтий Адам Шантадзе сæххæст кодта.
Къæвда боны тыххæй, адæмæн мæзджыты цур уынгыл æрымбырд кæнын не нтысы, цæмæ гæсгæ дæр муфтийы фидиуæнæй, скуывд мæзджыты сыххæст кодтой.
Пысылмонтæн бæрæгбон раарфæ кодтой Ачъарайы хицауады æмæ бæрзонддæр советы сæрдæрттæ, афтæма Батумы мэр.
Рамадан Байрам иумæййон уæззау мархойы фæстæ æрлæууы. Иу мæйы дæргъы пысылмонтæ хурыскастæй йæ аныгуылды онг нæзагъд ракæнынц хæринаг æмæ дон ныуазыныл.
Байрам нымад цæуы сайтаны састы боныл. Ацы бон пысылмонтæ æнæвгъау иу байуарынц курæггаг, кæрæдзийæн бæрæгбойнон адджинæгтæй сфысым кæнынц, фæуазæг вæййынц хæстæджытæм æмæ иу рацæуынц фыдæлты уæлмæрдтæм.