Рахизздахæнджын автомобильты таксийы тæрджытæн «В категорийы» кусын бар уыдзæн 2021 азы фыццаг январы онг
Рахизырдгæй здахæн кæцы хæдтулгæтæн ис уыдæтты тæрджытæн бар дæттæм «категорий Б»-йæ кусын 2021 азы 1 январы онг – уый фæдыл, сæйраг сахары хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта Тбилисы мэр Каха Каладзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уынаффæ хаст æрцыд таксийы шофырты инициативон къорды минæвæрттимæ фембæлды фæстæ.
«Уыдон нын фехъусын кодтой, цæмæй зæгъгæ иу афæдз кæцы сæм лæвæрд æрцыд, цæмæй сæ автомобильтæ, кæцытæн здахæн рахизы æрдгæй ис раивой, æгъгъæд рæстæг нæу. Ракуырдтой нæ, цæмæй «категорий Б»–æруагътаиккам рахиз здахæнджын хæдтулгæтæ. Мах сразы стæм уыйимæ æмæ нæ фæнды цæмæй нын ацы æмгъуыдты бантыса. Ацы регуляци – 2020 азы кæрон æмæ 2021 азы 1 январæй та автоматонæй бацæудзæн йæ тыхы регуляци, кæцымæ гæсгæ рахиз здахæнджын автомобильтæ «категорий Б»–йæ дæр фæтобæ уыдзысты. Уыдонæн уыдзæн афæдз æмæ æрдæг, цæмæй сæ автомобильтæ раивой», – райхъусын кодта Каха Каладзе.