Райсомæй арæзтады секторы архайæг компанитæ сæ куыст сног кæндзысты
5 майæ ратдзыстæм барлæвæрдтæ, цæмæй куыст сног кæной арæзтадон секторы архайæг алы компани æмæ арæзтадон æрмæджыты амалгæнæг алы компани, – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Гиорги Гахариа куыд банысан кодта, афтæмæй, алы компани, кæцы баст у арæзтады бизнесимæ, уыдзæн сæм фадат кусын сног кæнын 5 майæ.
«Басгæрстытæ, кæцы ты ныр æхст кæны специалон къорд æнæнизхъахъхъæды æмæ экономикæйы министрады базæйыл, адарддæр кæндзæн æрвылбойнон басгæрст. Фæнды мæ уыцы компаниты хицæуттæн æмæ къухдариуæггæнджытæн фехъусын кæнын, цæмæй тынг бæрнон ахаст дарой æрвылбойнон куыстмæ æмæ уыцы уагæвæрдтæм, кæцытæ сфидар кодта æнæнизхъахъхъæды министрад» – фехъусын кодта Гиорги Гахариа.