Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ премьеры хуындæй сом ацæудзæн рабадт, кæцыйыл уæлæмхас регуляциты фæдыл фæуынаффæ кæндзысты. Министры æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, эпидемиологион уавæр зындæр кæны зæгъгæ.
«Фæстаг иу къуырийы дæргъы æнæнизхъахъхъæды министрады фæллойады инспекцийы æрдгæй ис карз мадзæлттæ æмæ интенсивон мониторинг, афтæма карздæр кæнынц ивар.Нысаниуæгджын у, цæмæй нæм уа ахæм ахаст, афтæдæр нысаниуæгджын у, æхсæнады активон бастдзинад, маскæ дарын, социалон дистанци хъахъхъæнын, цæмæй инфекцийы ахæлиуы рæстæгмæ фæуромын бантыса. Абон нын уыд 1790 ног цау, активон цауты нымæц 10 000-æй фылдæр у, кæцы рæзын кæны æнæнизхъахъъхæды секторыл уæз. Иттæг нысаниуæгджын у, фæуынаффæ кæнæм уый фæдыл. Райсом премьеры разамындæй хуынд у ковид-совет, кæцыйыл фæуынаффæ кæндзыстæм уыцы уæлæмхас регуляциты æмæ мадзæлтты фæдыл, кæцы уыдзæн эффективон», – райхъусын кодта министр.